Тӕрккъӕвда фӕласта Алагиры сылгоймӕгты моладзандоны цур сывӕллӕтты реабилитацион центрмӕ цӕуӕг фӕндаг, фехъусын кодтой Sputnik моладзандоны.

Алагиры тӕрккъӕвдайы фӕстиуӕгӕн раивылд цӕугӕдон, ӕрдзон бӕллӕх моладзандонӕн ӕрхаста ахадгӕ зиан — ныппырх Сывӕллӕтты реабилитацион центрмӕ фӕндагыл цы хид уыд, уый дӕр.

"Хъӕуы нӕ ӕххуыс. Стыр бузныг уаиккам, куы нӕм фӕкӕсиккой цӕрджытӕ, уӕд. Фылдӕр бӕрцӕй нӕ хъӕуы нӕлгоймӕгты ӕххуыс, сӕрмагонд техникӕ, цӕмӕй расыгъдӕг кӕнӕм хиды пырхӕнтӕ ӕмӕ цӕугӕдоны донвӕд", — загътой моладзандоны.

Уым ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, цӕмӕй фидӕны ахӕм зиан мауал ӕрхастӕуа, уый тыххӕй хъӕуы бӕрзонддӕр хид саразын, фӕлӕ моладзандонӕн нырма уыцы фӕрӕзтӕ нӕй.

Ацы бӕллӕх фыццаг нӕу, цалдӕр азы размӕ дӕр ма ивылд цӕугӕдон фӕласта моладзандоны фӕндӕгтӕ ӕмӕ алыварс территори иууылдӕр.

Моладзандоны цур Сывӕллӕтты реабилитацион центры 2008 азӕй фӕстӕмӕ ӕрвылаз дӕр фӕулӕфынц хуссарирыстойнаг сабитӕ дӕр.



Sputnik Хуссар Ирыстон

Sports NewsNIKE